Гимн РСО-А (исполнитель: Ф.Царикати)
Осетинский вариант Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй, Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн Ирыстон йæ адæмты фарнæй. Заманты тарæй æрттивы зынгау Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн. Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау, Уастырджи, рафæлгæс, Табу Дæхицæн. Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс, Амондæй абузæд ронгау дæ цард. Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс, Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт. Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн, Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт. Хистæры намыс, кæстæры æхсар Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт! Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс, Фарнимæ абузæд ронгау дæ цард. Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс, Уастырджи, рафæлгæс, Табу Дæхицæн. Русский вариант Здесь прошлое с будущим в симде сошлись, А нынешний день наш — творец и мечтатель. Песня, лети в поднебесную высь! О, Уастырджи, дай нам твоей благодати! Припев: Крылья орлиные мчат нас вперёд. Полнится чаша трудов и забот. Счастлива будешь, родная земля! Ведь щит мы, и меч, и надежда твоя! Пусть мужество младших и мудрость отцов С нами пребудут во веки веков. Горы не терпят насилья и зла. Наша дорога пряма и светла. Припев: Крылья орлиные мчат нас вперёд. Полнится чаша трудов и забот. Дети Осетии, будем, как братья! Уастырджи, дай нам твоей благодати!