Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)

Æз дын мæ удæй арт кæнын —
Ды та йæм хал дæр не ‘ппарыс.
Дæ сыгъдæг номæй ард хæрын...
Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс!

Æз дæ фыны дæр агурын,
Ды та мæ бон дæр не ссарыс.
Мæ сусæг фæндтæ раздурын,
Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс!

Æз дæ мæ зарæг рахонын
Ды та йыл сау дæр не ‘фтауыс.
Нæ цардвæндаг дын амонын —
Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс!

Æз дын мæ цард дæр авæрын
Ды та мæ мур дæр не ‘ндавыс
Зæрин тынтæй дæм ракалын
Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс!

Æз зон дæ мæтæй батадтæн
Ды та мæ сагъæс не ‘нкъарыс
Сæрдыгон сыфау баруадтæн
Уæддæр, уæддæр мæ не ‘мбарыс!

Æз дæ мæ зарæг рахонын
Ды та йыл сау дæр не ‘фтауыс.
Нæ цардвæндаг дын амонын
Уæддæр, уæддæр мæ ‘мбарыс!

Кæдмæ цæрдзынæ хибарæй,
Кæд зæгъдзынæ дæ рухс фæндон.
Æз зонын, зонын фидарæй
Мæн бауарздзынæ искæд бон!
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Самый умный  Philharmonic  ЛАВ ОНЛИ ЛАВ  Wax Tailor Leave It  Я жду тебя уже давно  Все парни твари 
О чем песня
Неизвестен - Отсутствует?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен