Колхозон рæсугъд чызг (80-е) (исполнитель: Суадон)
Колхозон рæсугъд чызг, дæуыл у мæ зарæг.
Тæхуды дæуимæ, цæрынæй бафсæд.
{Хæрын дын ыстыр ард, кæнын дын æз сомы.
Дæуæй мын зынаргъдæр кæй нæ у, мæ царддар.} x2
Дæлæ мын быдыры ерысæй куы кусынц
Хъазгæ-худгæ, фарнимæ фæсивæд.
{Хæрын дын ыстыр ард, кæнын дын æз сомы.
Дæуæй мын зынаргъдæр кæй нæ у, мæ царддар.} x2
Цæй, тагъддæр-тагъддæр, мæ рухс, мæм ракæс!
Мæ уарзондзинадæй фæсур мын мæ сагъæс.
{Хæрын дын ыстыр ард, кæнын дын æз сомы.
Дæуæй мын зынаргъдæр кæй нæ у, мæ царддар.} x2
Слова и музыка народные