Сæлимæты зарæг (исполнитель: из спектакля "Æз ус нæ курын")
Дымгæ сыфтæрты афæрсы, Йæ рог цæсгом цæм бахæссы: «Хурмæ куы кæнут тыбар-тыбур, Цæуыл кæнут сыбар-сыбур? Схъæр мын æй кæнут сусæгæй Тулдзæй, нæзыйæ, сусхъæдæй, Йæ уарзон чи у Сæлимæтæн, Аххосджын чи у уый мæтæн?» «Ма нæ фæрс, - загътой сыфтæртæ, - Мах дæр куы не стæм къутæртæ, Нæу нæ чызгайы сусæгдзинад Рæузонд дымгæйæн зæгъинаг» Дымгæ нынниуы, ныззары, Йæ тых бæлæстыл æвзары, Сыфтæрты заххмæ æрыппары Æмæ цæ доны ныккалы.