Мæ амонд (исполнитель: Фардзинов Батраз и Лалиев Казбек)
Рог уддзæф рахæссынц денджызы уылæнтæ, Мæй нын йæ мидбылты худт. Мæ хъустыл уадысты, чызгай, дæ ныхæстæ, Кæй уыдзæн нæ цард рæсугъд. Базард: ☺Цъæх арвы тыгъдадæй, нæ урссæр къæдзæхтæй Мæ зæрдæ куы райы, гъей Дæ худгæ цæстытæй, дæ аив ныхæстæй Мæ зæрдæ фæзары, гъей☺ Цæсты раз февзæрынц сæрдыгон изæртæ, Фæндырдзагъд нæ Ирыл хъуыст, Хъасты-иу агуырдтон, уарзон, дæ цæстытæ, Æнæ дæу мæ уд-иу рыст. Базард: Хайджын уыдзыстæм мах фарн æмæ амондæй, Бамбар мæ, рæсугъд чызгай Буц дæ æз дардзынæн æмæ дын зардзынæн, Ды дæ мæ амонд, мæ хай. Базард: Рог уддзæф рахæссынц денджызы уылæнтæ, Мæй нын йæ мидбылты худт. Мæ хъустыл уадысты, чызгай, дæ ныхæстæ, Кæй уыдзæн нæ цард рæсугъд. Базард: