Badola (исполнитель: Albina i Fatima Tsarikaevi)
Хъиамæтгун лæг е ’фхæлд къохтæй Æ зæронд уæргутæ æрсæрфта. Исуст хъуртæй, уарзгæ дзурдæй Баба бæдолæмæ фæдздзурдта: «Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’». Дзай-дзай, дзæкъолæ, Бабай бæдолæ. Гæпп-гæпп, гæбола, Мæнкъæй бæдолæ. Сувæллони фудаг кæнгæй, Гъæуай кодта зæронд лæгæй. Бацеу-бацеутæ имисгæй Бæдолæбæл цийнæ кæнгæй. Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’. {Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’.}