Уарзон (исполнитель: Доев Мурат)

Дард цæуы фæндаг,
’Нæзонгæ бæстæм
Фæкæны дæу.
Ма басæтт тулдз:
Ссаргæ кæй нæу
Дæ фынты бæстæ.

Тулы уæрдоны цалх,
Йæхимæ сайы
’Нæзонгæ дард.
Цъитиджын хæхтæй
Дæ ивгъуыд цард
Кæсы дæ фæстæ…

Арвæй худы хур,
Русыл цæссыг ныссур.
Фæу фæндараст,
Фæу фæндараст…

Фæндагыл зардзæн
Дымгæ дæуæн,
Кæй ис дунейы
Диссаджы ран,
Кæд йæ ыссарын
У дæ нысан
’Мæ дæ бæллæхтæ.

Зон æй: æрцæудзæн бон,
Сæххæст уыдзысты
Фынтæ æппæт.
Æмæ дæ зæрдыл
Лæудзысты уæд
Цъитиджын хæхтæ…

Боны ивддзæн бон,
Фæлæ Ирыстон
Лæудзæн дæ зæрдыл,
Лæудзæн дæ зæрдыл…
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Cascada Hold On  Cascada Everytime I Hear Your Name  Cascada Ready or Not  Cascada Fever  Cascada Hold Your Hands Up  Cascada Breathless  Somebody to love justin  Cascada Why You Had to Leave 
О чем песня
Доев Мурат - Уарзон?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен