Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Æз нал агурын амонд, Мæн нал агайы цин. Дæ фарсмæ цыд мæ аууон, ― Дзæгъæлдзуйау фæци. Бæргæ ма иу хатт бауарз, Куыд уарзтон æз кæддæр. Дæ цæстытæн ма бануаз Сæ цинæй дзаг цæхæр. Фæлæ ма ахæм амонд Кæмæ хауы, кæмæ? Дзæгъæлдзуйау мæ аууон ― Уый бадзæгъæл дæумæ... Бæргæ ма иу хатт бауарз, Куыд уарзтон æз кæддæр. Дæ цæстытæн ма бануаз Сæ цинæй дзаг цæхæр. Уæд райгæсыл цæттæ дæн, Фæлæ йæ зонын раст ― Дæ риуæй дæр æддæ дæн, Дæ зæрдæйæ дæр баст. Фæлæ ма ахæм амонд Кæмæ хауы, кæмæ? Дзæгъæлдзуйау мæ аууон ― Уый бадзæгъæл дæумæ...