МАРЗОЙТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРАГ.(дедуля) (исполнитель: Э.КУСОВА)
(Песня о Казбеке Марзоеве. Слова Ахсара Чеджемова, музыка Алибека Бериева) Цъаейдон йа базыртыл урс уылаен хаесгайае Арф комы бафаеллад, быдыры ныссабыр. Кады ном чи скодта йае Иры баестаейаен?- Маерзойты Хъазыбег – Фаеллоййы Хъаебатыр. Кировы фаерныг хъаеу – дае уарзон хъаеубаестае, Дае бирае лаеггаедтае ныр даер ма уым ысты. Фаернаейдзаг адаем дын ‘гъдаеуттае, дае хаерзтае Нае ферох каендзысты, на ферох каендзысты. Артахдзаст дидинаег – уалдзаеджы фидиуаег, Цаемаен ныджджих цымае сау заххы хъаебысы? Маерзойты Хъазыбег, каед уыцы дидинаег Дае къахваедыл аерзад, даеу мысы, даеу мысы. Афтае-иу куы дзырдтай дае мидбылты худгае: «Фезмалут, лаеппутае, бон махмае нае лаеууы, Заехх мады заердае у, заехх мад у, мае хуртае, Мады та буц каенын, буц дарын куы хъаеуы». Агъдауаей раесугъд у ирон цард, аембаелттае, Амонды рухс хур уаед дзаг цаестай фаекаесы. Маерзойты Хъазыбег, дае расугъд аегъдаеуттае Дае иунаег буц лаеппу кадимае куы хаессы.