Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд… (исполнитель: Руслан Гаджинов и Римма Илурова)

Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд,
Куы мæ бафтыдтай катайы, гъей.
Дæ иу бакастæй, сауæрфыг,
Хуссары митау атайын, гъей.

Калачы идон балхæдтон —
Гуры мын дзыллæ разынди, ой.
Чызгайæ мæхи хъахъхъæдтон,
Уый та мын уарзон разынди, ой. 

Сусхъæдæй бандон сарæзтон,
Æмæ мын уый дæр басыгъдтой, ой.
Сусæгæй уарзон равзæрстон,
Æмæ мын уый дæр базыдтой, ой.

Ма мыл фæхудут, хорз адæм,
Ма мыл ыскæнут зарджытæ, ой.
Зæгъут-ма уыцы æррайæн:
«Æрбарвит æд фидауджытæ», ой.

Рацагъд.

Цæгатаг рæбын уазал у —
Æппынæдзух дзы салд вæййы, ой.
{Чызгай, фыр уарзтæй атайын —
Æлхуыйы йас дæр нал вæййын, ой.} x2

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзухдæр æм нæрын цæуы, ой.
Чызджы зæрдæ бынтон саст у,
Æдзухдæр æм кæуын цæуы, ой.

Слова и музыка народные

«Музыкальная культура осетин» © 2012
 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
U2 Dancing Barefoot  На кого я похожа  Disaster  Mano a mano  На англиском языке  Басков  Manowar crown  Manowar metal daze 
О чем песня
Руслан Гаджинов и Римма Илурова - Дæ зынг ахуысса, сау рæсугъд…?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен