Амонды дыргъдон (исполнитель: Стнислав Доев)
Цъæх хъуссæджытæ сусхъæдыл –
Æнæхъæн хъæуы фаг!
{Æз та дын радтон сусæгæй
Цыппар балы, æвдадз.} x2
Базард:
Дыууæ æмæ дыууæ балы –
Хуыздæр кæм уыд лæвар!
Куы сæ райстай тæмæн калгæ,
Уæд байгом арвы дуар.
Дæ хъустыл, ехх, куыд фидыдтой –
О, уалдзæджы, цъæх чызг!
{Дæ сау цæстыты цин-зынгæй
Мæ уд дæр уыд æртхуыз.} x2
Базард.
Нæ фембæлды цъæх ыстъалы
Мæнмæ уæд арвæй худт.
{Дыууæ æмæ дыууæ балы –
Дæ былтау сырх, рæсугъд.} x2
Рацагъд.
Мæ фыццаг лæвар ахæм уыд –
Фыццаг уарзтау æрвон,
{Ныр дæр ма уыдон хъахъхъæнынц
Нæ амонды дыргъдон.} x2
Дыууæ æмæ дыууæ балы –
Нæ сæм æрхастай фау.
Мæ сусæг рис æрбатар и,
Куы бахудтай зæдау.
Базард.
Слова Станислава Кадзаева
«Музыкальная культура осетин» © 2009 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \