Fyn (исполнитель: Gwycmæzon Innæ)
Раздæр мæ уыдтай дæ фыны, Мæн хуыдтай дæ зарæг. Иумæйаг уыдис нæ фæндаг, Иумæйаг — нæ зæрдæ. Мин фыстæджы, дам, мæ уарзтыл Æз фыстон цыдæртæ. Уыдонимæ дын æртахгай Фервыстон мæ зæрдæ… Раздæр-иу мæммæ бæлгæйæ Стъалытæ нымадтай. Ныр — дæ уарзт æндæр кæмæндæр Ницæй арвыл радтай. Ныр нæ иумæйаг дунейæ Фесæфтам нæ сæртæ. Басудз мын мæ фыстæджытæ — Рарвит мын мæ зæрдæ. Ферох кодтай уарзты зарæг — Басастай дæ сомы… Фæлæ æз уæддæр цæмæндæр Ацы маст уромын. Зонын æз: мæ амонд амæй Нал уыдзæн æвзæрдæр. Судзын дын дæ фыстæджытæ — Рарвит мын мæ зæрдæ…