Мади зар (исполнитель: Сергей Габеев)
Ци хъал дæн, кæмæн ес уарзон мадæ, — Зæрди бунæй финсун æвæсмон. {Цæргæбонти мæ реуи — дæ кадæ, Æнæзаргæй дæубæл нæ ’й мæ бон.} x2 Ду мæ нифс дæ, мæ зунд, ду — мæ хъаурæ, Мæ кæдзос уарзт, мæ зæрди æргом. {Дæумæ финсун, мæ уорссæр, мæ мадæ, Мæ сагъæстæ æнцæ мæ фæндон.} x2 Ковдзæнæн дин зæрдæй æз Хуцаумæ, Дæ хуарз зар акæдзос æнæмаст. {Ду мæнæн — мæ изæд, мæ Хуцау дæ, Æз дæ къохтæй фæуун фæндараст.} x2 Зæрди тæгтæ сæхе ивазунцæ, Мади уиндмæ бæллунцæ алкæд. {Мади реубæл цæуæт ирæзунцæ, Дæ уорс къохтæ фæлмæн мæнæн дæр.} x2 {Мади реубæл цæуæт ирæзунцæ, Дæ уорс къохтæ фæлмæн мæнæн дæр.} x2 «Музыкальная культура осетин» [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \