Сау цæстытæ (исполнитель: Группа «Хурзæрин» (сол. Шота Багаев))
Уарзтон æз сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд?
{Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.} x2 
Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой,
Мæнæй фæлыгъдысты тæргай,
{Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой:
«Хæрзбон уал! Хорз амонд дæ хай!»} x2 
Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн,
Æмæ кæд ферох кодтой мæн,
{Уæддæр сæ цæстæнгас рæсугъдæй
Зæрдæйы баззади мæнæн.} x2 
Тæхуды, абон та кæй тавынц
Сæ хъармæй рухс хурау фæлмæн,
{Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц,
Куыд уарзтой раг уалдзæджы мæн!..} x2 
Уарзтон æз сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд?
{Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.} x3 
Слова Мухарбега Кочисова 
«Музыкальная культура осетин» © 2011
 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
	