Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс (исполнитель: Владимир Баллаев и Светлана Медоева)

Цæй диссаг дæ, чызгай, цæй уаз дæ.
Цæмæн мæм ныккастæ, цымæ.
Дыууæ хатты фылдæр мæ азтæ
Фыдæн дын бæззын æз дæуæн.

Тæрсын æз — мæ ныхы æнцъылдтыл
Куы фæкæлай, чызгай, мыййаг.
Дæу аккаг куы не суой мæ дзырдтæ
Мæ зæрдæ куы нæ суа дæ фаг.

Зæгъ-ма мын — цæмæн æфтауы уастæн
Дæу дисы мæ цымыдис каст?
Дыууæ хатты фылдæр дæ азтæ,
Æртæ хатты фылдæр мæ уарзт.

Æз зонын æвзонгæй дæ бонтæ,
Ды арвыстай иууыл хæсты.
Дæ ныхы æнцъылдтæн сæ кондæй
Ныр хъуамæ сæрыстыр уай ды.

Дæ ныхы æнцъылдтæн сæ кондæй
Ныр хъуамæ сæрыстыр уай ды.

Дæ саулагъз дзыккутæй æфсæрмы
Кæндзæни мæ урс сæр мæнæн.
Цæмæн хæссыс, чызгай, дæ сæрмæ
Мæ хуызæн зæронды, цæмæн!

Дæуæн у дæргъвæтин дæ фæндаг,
Æз та йыл æрдæгцыд фæдæн.
Дæ базыртæ маргъау дæ фæндиаг,
Мæ базыртæ нал исынц мæн.

Æрыгонæй сæвæрдтой халас
Дæ саулагъз сæрыхъуын дæуæн.
Дæхи-ма æфсæрмхуызæй ма лас,
Дæ урс сæр ныфсы хос мæнæн.

Ды хъуамæ уай бузныг дæ азтæй —
Æвдисынц дæ амондджын цард,
Дæ фæллад цæстытæн сæ кастæй
Æз исын æвзонгæй дæр арт.

Ныууадз мын мæ сагъæс мæхи бар.
Уадз судза мæхи бар мæ арт.
Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс,
Æндæр ран дæ уарзты зынг ратт.

Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс,
Æндæр ран дæ уарзты зынг ратт.

Æз зонын — дæ уарзт у тыхджындæр,
Уый рæстæг ыскодта æндон,
Дæ цуры вæййын æз ныфсджындæр,
Мæн де ’ууæнк фæкæны уæндон.

Ды ма кæн дæ зæрдæйыл сагъæс,
Мæ фаг дæр уыдзæни йæ арт.
Мæ цæстытæм худгæйæ ’рбакæс
Æмæ мын ды фенай мæ уарзт.

Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс,
Æндæр ран дæ уарзты зынг ратт.

МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
За Здоровый Образ Рэпа Файк  Eziz dostum  Ташламагыз сойгэн ярларны сез Рамиля  Paathshaala  My Wife Ramzi  Шами-без тебя  Я буду рядом одним лишь взглядом 
О чем песня
Владимир Баллаев и Светлана Медоева - Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен