Бахсæв и! …"Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ, Не ’хсæн – быдыртæ (исполнитель: Владимир Баллаев)

Бахсæв и.  Бæстæ ныссабыр.
Иу сыбыртт нал ахсы хъус.
Арвæй цæлхы дзаг мæй дардыл
Тауы йæ сыгъзæрин рухс. 

Бадын та иунæгæй уаты.
Хъуыдыты аныгъуылд сæр.
Рог дымгæ ’рбахæссы дардæй
Хаттæй-хатт доны сæр-сæр.

Зæрдæ та дард фæндтыл дзуры,
Цу 'мæ йын исты ды зæгъ!
Æй-джиди, февзæр дæ цуры
Ацы сæрдыгон изæр!

Хъæлдзæгæй абад дæ цуры,
Акæн зæрдæбын ныхас!
Уарзоны рухс цæстæнгасæй
Царды цин нуаз æмæ нуаз!

Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ,
Не ’хсæн – быдыртæ ’мæ хох.
Фæлæ дæ никуы, мæ зæрдæ,
Никуы фæкæндзынæн рох!

Слова Мухарбега Кочисова 

«Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Bebe-Revolviu  Сднем  Taylor swift safe  Прекрасное  James blunt cry  Brokencyde Dis iz a Rager Dude  Paninero  Ради этого 
О чем песня
Владимир Баллаев - Бахсæв и! …"Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ, Не ’хсæн – быдыртæ?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен