Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг… Кæйдæр дзæгъæлзад, Лæппуйæ баззад Йæ сау бындурыл… Кæдæм-иу бафтыд, Уым-иу фæкафыд Кæрдзыны мурыл… Бæгънæг, бæгъæввад, Ыстонг, уысмæн над Хуыцауы рæстæй! Цъыфæй ныррæсыд, – Хæфсытæ уасыд Йæ къахы скъуыдтæй… Бын бауай, иунæг, Дзыллæтæй иу лæг Кæй нæ рæвдыдта! Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа, Дæу чи ныййардта!.. Дæу урс æхсырæй, Дæу худгæ-хурæй Чи нæ бафсæста! Дæу цардуалдзæджы Йæ хъарм хъæбысы Чи нæ ауызта!