Гыцци (сл. Н. Бакаева, муз. З. Хабаловой) (исполнитель: Сослан Дзуцев)
Фæрсыс мæ, гыцци, цæмæн ныхъхъус дæн, Мæ саулагъз дзыкку цæмæн фæхалас. {Цæмæн фæцыди сæ хуыз мæ рустæн, Цы кæнон, зæрдæ нæ быхсы сау маст.} x2 Мæ развæндагыл цы стъалы сыгъди, Бæрзонд арвæй мæм цы стъалы хъазыд. {Уый фаронуалдзæг æрбайсæфт, гыцци, Мæ сæр уæд ысурс, мæ сæр уæд разылд.} x2 Уæдæй фæстæмæ цъæх арвмæ хатын, Кæнын мæ сагъæс мæйрухс æхсæвтæн. {Цы кæнон, гыцци, кæнын дзæгъæлтæ, Мæ зæрдæ адих цыргъ карды цæфæй.} x2 Фæлæ йын уæддæр йæ зæлдаг фынтæ Куы фенон искуы кæйдæр фæрссагæй, {Куы мæ фæсайой кæддæры фæндтæ, Тæрсын æз уымæй, тæрсын фæлтауæй.} x2 Фæцагурдзынæн æй арвы кæрæтты, Фæлæ йæ, гыцци, куы нуал ыссарон, {Уæд ацы зарæг æрвылрагуалдзæг Æнустæм хъуамæ нæ хæхты зарон.} x2 сл.: Нугзар Бакаев, муз.: Зинаида Хабалова МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \