Æз мæ цард мæ Ирæн радтон (исполнитель: Ахсар Джигкаев)

ИСИДОР КОЗАЕВ

«Уæд фæлтау...»
 
Оригинальный текст автора:

Æз лæугæйæ амæлдзынæн, хатын æй,
Худинаг уын не 'рхастон мæ сæрмæ.
Гъе, уæддæр, уæ мад, уæ фыды хатырæй,
Мæн нæ Ирмæ ма 'рласут æфсæрмæй.

Хорз лæджы мард уæлмæрдæн йæ фидыц у,
Номдзыд лæг хъæубæстæн куыд у, афтæ.
Æз мæ цард нæ арвыстон мæ фыды цур,
Дард фæндæгтыл арвыстон мæ азтæ.

Хорз куыдз, дам, йæ мæлæт дардмæ ахæссы,
Хорз лæг та фыдыуæзæг ыссары.
Иры хæхтæ ― дунемæ мæ акæсæн,
Æмæ ме 'ргом дзыллæтырдæм дарын.

Кæд, миййаг, нæ уæлмæрдты фæдзæгъæл уон,
Кæд нæ уон æз судзгæ хъарæг минтæн,
Уæд уыдтæн Фыдыбæстæн æцæгæлон
Æмæ хъуамæ ма зона мæ ингæн!

Песенный вариант:

Æз мæ цард мæ Ирæн радтон – мæ адæмæн,
Худинаг сын не 'рхастон мæ сæрмæ.
Гъе, уæдта, мæ мад, мæ фыды хатырæй
Мæн мæ Ирмæ ма 'рласут æфсæрмæй.

Хорз лагæн йæ уæлмæрд ис йæ фыды цур,
Номдзыд лæг хъæубæстæн куыд у, афтæ.
Кæд дæ цард нæ арвитай дæ хæхты цур,
Уæд дзæгъæл фæуыдзысты дæ азтæ.

Сау цæргæс йæ мæлæт хæхтæм ахæссы,
Хорз лæг та фыдыуæзæг ыссары.
Иры хæхтæ  ― дунемæ ма акæсæн,
Бæрзæндтæй Ирыстон зарæг зары.

Æз мæ цард мæ Ирæн радтон – мæ адæмæн,
Худинаг сын не 'рхæстон мæ сæрмæ.
Гъе, уæдта, мæ мад, мæ фыды хатырæй
Мæн мæ Ирмæ ма 'рласут æфсармæй.

Кæд фæндаг нæ мæсгуытæм æз нал арон,
Кæд нæ уон лæггадыхъом нæ Ирæн,
Уæд уыдтæн Фыдыбæстæн æцæгæлон,
Уæд æнæбарст нæ арфæ, нæ фидæн.

Кæд миййаг нæ уæлмæрдты фæдзæгъæл уон,
Кæд нæ уон лæггадыхъом нæ Ирæн,
Уæд уыдтæн Фыдыбæстæн æцæгæлон,
Уæд æнæбарст нæ арфæ 'мæ фидæн.

Кæд фæндаг нæ мæсгуытæм æз нал арон,
Кæд нæ уон лæггадыхъом нæ Ирæн,
Уæд уыдтæн фыдыбæстæн æцæгæлон,
Уæд æнæбарст нæ арфæ, нæ фидæн.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Зови не зови целуй не целуй  Мы ребята  Садись в мою лодку зая  Тамила Сагаипова и Зарема Ирзаханова - Теша соьх  La bastille  Это нож минус DJ Vanorikod  RiDer временно 
О чем песня
Ахсар Джигкаев - Æз мæ цард мæ Ирæн радтон?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен