Коцты Бегайы зарæг (исполнитель: Сводный хор (сол. Ибрагим Хугаев и Заур Парастаев))
Чеселты комæй нын Тохы хъæр райхъуысти: Хъолайы хъæумæ Æзнаг фæбырсы. Бега нын бадзуры Чеселты фæсивæдмæ: «Нæ Иры лæппутæ, Рацæут тохмæ!» Тохмæ куы бабырсынц Иры хъæбатыртæ, Знæгты фæтæрæм Нæ фыдыбæстæй. Хъолайы мæсыгæй Судзгæйæ тахтысты, Æзнаджы æфсадыл Бегайы нæмгуытæ. Хъолайы мæсыг нын Судзын куы райдыдта, Бега ’ргæпп кæны Бæрзонд мæсыгæй. Тæппуд ызнæгтæм Къуыммæ куы батæры, Цалдæр булкъоны дзы Мæрдтæм куы барвиты. Коцы мыггагæн ды Кады ном сарæзтай, Ирыстоны фарн Бæрзондмæ систай. {Бега нын нæ амард — Йæ рухс ном цæрдзæни, Йæ зарæг нæрдзæни Хуссарæй цæгатмæ!} x2 Слова Юрия Кочиева, музыка Анисима Дзаттиаты «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \