Нæ уарзон Ирыстон (исполнитель: ♥)
Зæххыл рæсугъддæр скæнæн нæй,
Уарзон Ирыстоны зæххæй.
Зонæм мах йæ рæсугъд æгъдау,
Мадау фæлмæн къухæй рæвдау.
Базард:
{О-ой, нæ уарзон Ирыстон,
О-ой, æртив цæхæртæ кал.} x2
Ды дæ нæ уарзон царды бон,
Ды дæ нæ амонды фæндон.
Махæн алцыдæр у нæ бон,
Демæ, нæ уарзон Ирыстон.
{Базард.} x2
Зæххыл рæсугъддæр скæнæн нæй,
Уарзон Ирыстоны зæххæй.
Махæн алцыдæр у нæ бон,
Демæ, нæ уарзон Ирыстон.