Хуссар Ирыстоны гимн (исполнитель: Мариинский театр)

КАДЫ ЗАРӔГ
(Республикӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн)

Уарзон Ирыстон! Дӕ номы кадӕн
Лӕууӕм цырагъау мах уырдыг,
Ды дӕ нӕ уарзты ӕнусон авдӕн,
Ды – нӕ цин ӕмӕ хъыг!
Фӕхӕрӕм мах дӕ зӕххӕй ард,
Дӕ ном дын исӕм бӕрзонд, 
Удуӕлдай дын кӕнӕм лӕггад,
Дӕуӕн у нӕ цард нывонд!

Уӕ, Стыр Хуыцау! Дӕ хорзӕх, Дӕ арфӕ – 
Иры Уӕзӕгӕн Ды цардамонд ратт!

Уӕззау уыд дӕ ивгъуыд, Иры бӕстӕ,-
Зылди дӕ фӕдыл сау фыдох,
Фӕлӕ-иу уӕддӕр дӕ фарны рӕстӕй
Кодтой дӕ зынтӕ рох.
Царды рухсмӕ ӕдзух цыдтӕ,
Фыдбонты нӕ саст дӕ ныфс, 
Сӕрбӕрзонд алкӕддӕр уыдтӕ,
Ӕргомӕй размӕ цӕуыс!

Уӕ, Уастырджи! Дӕ хорзӕх, Дӕ арфӕ – 
Иры дзыллӕйӕн фӕндагамонд ратт!

Фыдӕлты ӕрдхӕрӕн, Иры Уӕзӕг!
Зӕрдӕйы тӕгтӕй дӕ нывӕзт,
Ацы дунейы нын масты уӕзӕй
Ма у дих ӕмӕ уӕрст,
Дугӕй дугмӕ нӕрӕд дӕ ном,
Бӕрзонддӕр кӕнӕд дӕ кад,
Дӕ ныфсӕй мах цӕрӕм ӕнгом,
Дӕ фӕрцы рухс у нӕ цард!

Уӕ, Бӕсты Фарн! Дӕ хорзӕх, Дӕ арфӕ – 
Нӕ уарзон Ирӕн Ды иу амонд ратт!
Ном ӕмӕ йын кад!
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
PHARAOH - ртуть  Домбыра туралы баллада  Iglesias siara  Лиля-кукловод минус  Jaadu-Hai-Nasha-Hai  Kreed улетела  Kreed - улетела  With hunt 
О чем песня
Мариинский театр - Хуссар Ирыстоны гимн?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен