Мае фаеллад цаестытае (исполнитель: Мамсуров Тасолтан)
Цæй диссаг дæ, чызгай, цæй уаз дæ. Цæмæн мæм ныккастæ, цымæ. Дыууæ хатты фылдæр мæ азтæ Фыдæн дын бæззын æз дæуæн. Тæрсын æз — мæ ныхы æнцъылдтыл Куы фæкæлай, чызгай, мыййаг. Дæу аккаг куы не суой мæ дзырдтæ Мæ зæрдæ куы нæ суа дæ фаг. Дæ саулагъз дзыккутæй æфсæрмы Кæндзæни мæ урс сæр мæнæн. Цæмæн хæссыс, чызгай, дæ сæрмæ Мæн хуызæн зæронды, цæмæн! Дæуæн у дæргъвæтин дæ фæндаг, Æз та йыл æрдæгцыд фæдæн. Дæ базыртæ маргъау дæ фæндиаг, Мæ базыртæ нал исынц мæн. Ныууадз мын мæ сагъæс мæхи бар. Уадз судза мæхи бар мæ арт. Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс, Æндæр ран дæ уарзты тых ратт. Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс, Æндæр ран дæ уарзты зынг ратт.