Райгуырæн зæхх (Чеджемты Æ., муз. – Е. Воложанин) (исполнитель: Хадыхъаты Аллæ)
РАЙГУЫРÆН ЗÆХХ Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх, Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй. О, фæлæ мады ад, Райгуырæн зæхх, Зонын æрмæстдæр дæуæй! Балцы уон искуы, хæстæг æви дард, Амонд мæн хурмæ хæссы. Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад, Афтæ мæ фæдыл кæсы. Бауарзтон раджы нæ фæндыры цагъд, Ме уæнгты рог цин зылди. Арвæн йæ бæрзæндты урс цæргæс тахт, Уый кæд мæ зæрдæ уыди. Ирæн йæ куывды бон — цин æмæ хъазт, Амонд Хуыцауæй куырдтон. Ам æз лæппуйæ мæ сызгъæрин уарзт Зæдтæн иронау дзырдтон. Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх, Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй. О, фæлæ мады ад, Райгуырæн зæхх, Зонын æрмæстдæр дæуæй.