"Цы сусаг канон" (аранж.А.Дудар) (исполнитель: Батрадз Фардзинов и Мадина Зангиева)
Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын, Бирæ кæй уарзын гъæй. Мæ иунæг уарзон дæумæ кæй бадын, Дæумæ кæй бадын,гъæй. Кæмæн ракæнон мæ сусæг ныхас Мæ сусæг ныхас гъæй. Уый дзы куы 'скæна æстыр тулдз бæлас, æстыр тулдз бæлас гъæй. Уæд хъазты вæййын, фæрсгæ мæ кæнынц, Фæрсгæ мæ кæнынц,гъæй. Курæг дæ куы ис, мой куыд нæ кæныс Мой куыд нæ кæныс гъæй. Æз та мæ ныхас мæ мадæн зæгъон, Мæ мадæн зæгъон,гъæй. Бынтон æнамонд мæхи куыд хонон, Мæхи куыд хонон,гъæй. Сæумæйы æртæх кæрдæгыл баззад, Кæрдæгыл баззад,гъæй. Мæ сусæг ныхас æрдæгыл баззад, æрдæгыл баззад,гъæй. Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын, Бирæ кæй уарзын гъæй. Мæ иунæг уарзон дæумæ кæй бадын, Дæумæ кæй бадын,гъæй.