Судзга уарзт (исполнитель: ˙˙·٠•♥Леонид Тибилов)
Мæ риуы æз дæ сурæт хастон, Хæссын æй уыцы ран ныр дæр. Кæддæр дæ судзгæ уарзтæй уарзтон, Ныр та дæ бауарзтон фылдæр. Нæ фыццаг фембæлдæй фæстæмæ Æдзух дæу уынынмæ бæллын. Куы нæ дæ фенын æз хæстæгмæ, Æнкъард уæд бахæцы мæныл. (2 хатты) Дæ рæсугъд цæстытæм кæсгæйæ, Мæхицæн нал арын бынат. Дæ мидбыл бахудтмæ бæлгæйæ, Мæ риуы ссудзы пиллон арт. Цы кæмтты бамбæхстæ, цы бæсты, Кæдæм фæлыгътæ ды мæнæй? Кæуыл ма баууæндон дæ фæстæ, Цы маст дæ бацыди, чызгай? (2 хатты) Цæуын дæ къахфæдтыл æнкъардæй, Фæлæ дын нал арын дæхи. Дæ хуыз ма мæ фæзынди дардæй, Ныр ма цы фæкæнон мæхи. Мæ риуы æз дæ сурæт хастон. Хæссын æй уыцы ран ныр дæр. Кæддæр дæ судзгæ уарзтæй уарзтон, Ныр та дæ бауарзтон фылдæр. (2 хатты)