Зонын (сл. К. Хетагуров, сопров. оркестр ТВ и Р) (исполнитель: Ким Суанов)
ЗОНЫН Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут, Бавæрдзыстут мын мæмард, “Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут, Ницæмæн уал уыд дæ цард!” Зонын, æргæвддзыстут исты, – Мардыл ма чи дары ком? – Алчи æфсæстæй мæ хисты Ссардзæн арахъхъæй мæ ном. Иу бон æгъгъæд у мысынæн, Иу бон кæндзыстут мæ дзырд, Уый фæстæ ферох уыдзынæн, – Ничи уал зондзæн мæ цырт.