Æмбалы зарæг (Чеджемты Æхсары ныхæстæ) (исполнитель: Чызджыты къорд)

ÆМБАЛЫ ЗÆРДÆ
(Чеджемты Æхсары ныхæстæ)
Амондджын уый у, уый хонынц хъал,
Царды кæмæн ис уарзон æмбал.
Æмбалы зæрдæ — рухс хурæй конд,
Уалдзæгау — райдзаст, арвау бæрзонд.

Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд!
Хорз æмбал не скæндзæн маст,
Нæ асайдзæн никуы йæ ард.
Зæрдæтæм чи хæссы уарзт,

Ахæмтæ рухс кæнынц цард.
Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд!
Иунæг æлгъыст у, иунæг — мæгуыр,
Иунæджы артдзæст — заууат быдыр.

Никæй хъæуынц йæ цин, йæ рис.
Æмбалы зæрдæ — царды æмбис,
Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд!
Бæлæстæн хъæды сонт дымгæ циу?!

Бæлæстæ — бирæ, дымгæ та — иу!
Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры,
Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры.
Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд!
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Adelitas Way Alive  Adelitas Way Good Enough  Adelitas Way Cage The Beast  Adelitas Way I Can Tell  Adelitas Way Somebody Wishes They Were You  Adelitas Way Hurt  InMe So You Know  Pendant 
О чем песня
Чызджыты къорд - Æмбалы зарæг (Чеджемты Æхсары ныхæстæ)?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен