Мæ зынаргъ, мæ уарзон (исполнитель: Алла Хадикова осетин)

Мæ зынаргъ, мæ уарзон дæуыл у мæ зарæг,
Тæхуды дæуимæ цæрынæй бафсæд,
*Хæрын дын æз стыр ард, кæнын дын æз сомы,
Дæуæй мын зынаргъ дæр кæй нæу мæ цард дæр. (2 хатты)

Дæ размæ цæугæйæ уæлæрвты фæтæхын,
Куы нæ дæ фуынын цæргæ дæр нæ кæнын,
*Дæ худгæ цæстыты æз хуртæ фæуынын,
Дæ аив ныхæсты æз зарæг фæхъусын. (2 хатты)

Дæ уындæй, дæ кондæй куыд хъал дæн, куыд райын,
Мæ царды дæ уарзтæй æз цъитъиау фæтайын
*Мæ уды урс бæллон, дæуæн æз куы цæрын,
Мæ зарджыты хуыздæр дæ номыл куы кæнын. (2 хатты)

Цæй тахд дæр, тахд дæр, мæ рухс хур ракæс,
Дæ уарзондзинадæй фæсур мын мæ сагъæс.
*Хæрын дын æз стыр ард, кæнын дын æз сомы,
Дæуæй мын зынаргъ дæр кæй нæу мæ цард дæр. (2 хатты)

**К.З.

"Мой дорогой, мой любимый"
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Lake of Tears Sister Sinister  Lake of Tears Rainy Day Away  Lake of Tears Crazyman  Lake of Tears Eyes of the Sky  Lake of Tears Upon the Highest Mountain  Lake of Tears Greater Art  Hotness Rihanna  Lake of Tears Evil Inside 
О чем песня
Алла Хадикова осетин - Мæ зынаргъ, мæ уарзон?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен