Дзеранты Лаврентъийы зарæг (исполнитель: гр. «Хурзæрин» (сол. Шота Багаев))

Гуры [???] æрбадары —
Зилынц кæмтты цъалаты.
Дзеранты фырт сæм рагъæй дзуры:
«Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты».

Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ!
Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ!
Дзеранты фырт сæм рагъæй дзуры:
«Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты».

Болаты фырт, дам, Лаврентъмæ дзуры:
«Æз дæуæй мæ туг райсдзынæн».
Дзеранты фырт æм афтæ куы дзуры:
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».

Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ!
Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ!
Дзеранты фырт æм афтæ куы дзуры:
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».

Цъинубанæй цъиу ратахти,
[???] цады абадти.
Гъей, гъей, ирон сау цæргæс,
Дзеранты фырт Лаврентъи.

Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ!
Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ!
Гъей, гъей, ирон сау цæргæс,
Дзеранты фырт Лаврентъи!

Мæ Ирыстон, мæ цардаразæг,
Мæ рухс фидæнты фидиуæг,
Ды скодтай махæн æнусон уалдзæг, 
Æнусон æвзонг дидинæг.

Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ!
Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ!
Ды скодтай махæн æнусон уалдзæг,
Æнусон æвзонг дидинæг.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Sasageyo  Мс герыч он не ценил ее  DSMRPHBROS x NDS Flava 1000 сучек  Мария авер жду чуда  Рваные джынсы  Рваные джынсы элджей  Синия вечность  Ordinary Love - KYUNG PARK 
О чем песня
гр. «Хурзæрин» (сол. Шота Багаев) - Дзеранты Лаврентъийы зарæг?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен