Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы – О мæ бон, гъе уымæй дын куыд тынг тæрсын. Искæмæн куы райхалай дæ рухс фæндтæ, Аскъуындзæнис уæд мæнæн мæ сонт зæрдæ. (2 хатты) Базард: Сусæг уарзон раппæлинаг нæу. Сусæг уарзон адджын у цæмæн? Бауарзтон æз ме 'намондæн дæу – Басыгъдтай мæ сонт зæрдæ мæнæн. (2 хатты) О, Хуыцау, ныппар ын, фаг кæй нæ куывта, Уарзты цинæн аргъ кæнын кæй нæ зыдта. Бафæлварон схъарм кæнын йæ салд уды. О, Хуыцау, мæн фехъус, æз дæумæ кувын. (2 хатты) Базард. Ме 'намондæн бауарзтон дæу, 'вæццæгæн, Гъе та кæд ыстыр амонд ды дæ мæнæн. Кæд Хуыцау фæлварæнтæй бæрæг кæны, Уымæн дæ мæ уарзты тых мæнæн дæтты. (2 хатты) *** Если когда-нибудь ты полюбил бы другую девушку — Вот чего я так сильно боюсь. Когда для кого-то когда ты раскроешь свои светлые намерения, Остановится тогда моё сумасшедшее сердце. Тайной любовью не стоит хвастать Тайная любовь чем сладка? Полюбила тебя я на свою беду Ты сжёг мне сумасшедшее сердце. Боже, прости ему, что он недостаточно молился, Радость любви не умел ценить. Попробую согреть его смёрзшуюся душу Боже, услышь меня, тебя молю. На свою беду, видно, полюбила тебя Но ведь ты — большое счастье для меня. Если Бог отмечает испытаниями, Ему (поэтому) моей любви силу мне даёт.