Арфæйы Зарæг (исполнитель: Афсати (Алла Хадикова))
Абон нæ гыццыл Ирыстоны ис 'стыр бæрæгбон, ... адæм, рахизут! Мидæмæ-мидæмæ! Ирыстоны адæм алы хæдзар дæр уæд Фарн æмæ амондæй дзаг, Махæн нæ зарджытæй алкæд зæрдиагæй Бирæ куыд кæнæм лæгкат. О-о! Алы хæдзармæ фарн æмæ амонд хæссæм. О-о! Иры дзыллæйæн арфæйы зарæг кæнæм. Алкæйы зæрдæмæ зарæджы базыртыл Агурæм фарны фæндаг, Афæдзæй афæдзмæ, хистæрæй кæстæрмæ Зæрдæтæ уарзтæй уæд дзаг. О-о! Алы хæдзармæ фарн æмæ амонд хæссæм. О-о! Иры дзыллæйæн арфæйы зарæг кæнæм. О-о-ой, уæрæйдæ, рагон уæрæйдæ ой! О-о-ой, уæрæйдæ, ног ... Мæ Ирыстон! Абон де'стыр бæрæгбонмæ цы уазджытæ æрбацыди, Амонджын уæд се'ппæттæр! Нæ кæстæртæ, рæсугъд Уастырджи уыл, Рæсугъд фæндæгтыл куыд цæуой , Ахæм амонд, нæ кæстæрты ... Ирыстоны сæрмæ зæрин хур æрттивæд, Не' ппæтты фаг уæд йæ ... Анæ фыдбылызæй æмæ æнæ мастæй , Ирæн анустæм йæ ... О-о! Алы хæдзармæ фарн æмæ амонд хæссæм. О-о! Иры дзыллæйæн арфæйы зарæг кæнæм. О-о! Алы хæдзармæ фарн æмæ амонд хæссæм. О-о-о! Арфæйы зарæг кæнæм.