Уарзты цин (муз. Бэла Золоева) (исполнитель: Zarina Maliti)

Уарзты цин

Цæй диссаг дæ, цæ, уарзондзинад, уастæн,
Мæ рухс бæллицты ахсджиаг бындур,
Æнхъæлмæ дæм æз цал азы фæкастæн,
Æмæ мыл мæнæ ракастис мæ хур.

Цæргæсы базыртыл стахтæн æз уæлæрвтæм,
Фыр цинæй риуы нал цæуы мæ зæрдæ,
Мæ алыфæрсты зилдух кæнынц мæргътæ,
Зæрин тæмæнтæ ленк кæнынц мæ сæрмæ.

Мæ зынаргъ, цæй, стæх ды дæр мæ цурмæ,
Æрзилæм иумæ  арвы цъæх кæрæтты,
Кæрæдзийæн нæ мондæгтæ  фæдзурæм,
Нæ сонт зæрдæтæ фидар иумæ сбæттæм.

Нæ уарзты мæсыг самайæм æмзондæй,
Скæнæм дзы æвдисæндар æнустæм,
Цæмæй йыл зæдтæ аудой бæрзондæй,
Цæмæй йæ зæлтæ узæлой сæ хъустыл.

О, ме Скæнæг, дæуæй дæн бузныг абон,
Мæ циндзинад дæ лæвар у мæнæн,
Цæсты гагуыйау хъахъхъæндзынæн м ’амонд,
Мæ уд нывондæн дардзынæн дæуæн.

                          

Джериаты Земæйы ныхæстæ.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Bom Motivo Feat Rosalia De Souza Toco  С РОЖДЕСТВОМ ПРЕСВЯТОЙ БОГОРОДИЦЫ Трио Яблонька  Last night good night arietta  Monobright - Anata MAGIC  Dj Chaikof - Club  Hey my friend Yoona  My love voice DJ Tulis  Ya vor 2013 Fuad Ibrahimov 
О чем песня
Zarina Maliti - Уарзты цин (муз. Бэла Золоева)?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен