Дзеранты Лаврентийы зараг (исполнитель: камерный хор "Арион")
Гуры дзандартæ куы рацæуынц — Зилынц кæмтты цъалаты. Гъей, мæ дуне, Уæд зилынц кæмтты цъалаты. Лаврент сæм рагъæй афтæ дзуры: «Ме ’рдæм ма рацæут фалæты». Гъей, мæ дуне, «Ме ’рдæм ма рацæут фалæты». Тыбылы-фырт æм афтæ дзуры: «Æз абон мæ туг райсдзынæн». Гъей, мæ дуне, «Æз абон мæ туг райсдзынæн». Дзераны-фырт æм афтæ дзуры: «Ды мурдæр ницы райсдзынæ». Гъей, мæ дуне, «Ды мурдæр ницы райсдзынæ». Тыбылы-фырт æй уæд куы фехста — Йæ галиу фæрсты ацыди. Гъей, мæ дуне, Йæ галиу фæрсты ацыди. Дзераны-фырт æй рагъæй рыхста, Йæ рахиз цонг ныппырх и. Гъей, гъей, гъей, мæ дуне, Йæ рахиз цонг ныппырх и. Дзандартæ Тыбылы-фыртыл фесты, Лавренти та — тар хъæдмæ. Гъейтт, мардзæ, ирон сахъ цæргæс, Дзераны-фырт Лавренти.