Мæ уарзон мадæ (исполнитель: Эльбрус Коцкиев)
Ци хъал дæн, кæмæн ес уарзон мадæ, —
Зæрди бунæй финсун æвæсмон.
{Цæргæбонти мæ реуи — дæ адæ,
Æнæзаргæй дæубæл нæ ’й мæ бон.} x2
Ду мæ нифс дæ, мæ зунд, ду — мæ кадæ,
Мæ кæдзос уарзт, мæ зæрди æргом.
{Дæумæ финсун, мæ уорссæр, мæ мадæ,
Мæ сагъæстæ æнцæ мæ фæндон.} x2
Кордзæнæн дин зæрдæй хуарздзийнадæ,
Дæ зар арæсугъд уæд æнæмаст.
{Ду мæнæн — мæ изæд, мæ Хуцау дæ,
Æз дæ къохтæй фæуун фæндараст.} x2
Зæрди тæгтæ сæхе ивазунцæ,
Мади уиндмæ бæллунцæ алкæд.
{Мади реубæл цæуæт ирæзунцæ,
Мадтæлтæн алкедæр аргъ кæнæд.} x2
{Мади реубæл цæуæт ирæзунцæ,
Мадтæлтæн алкедæр аргъ кæнæд.} x2
«Музыкальная культура осетин» [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \