Майский вальс. Слова М. Ясень, музыка И. Лученок Перевод (исполнитель: Эдуард Дауров)

Цыппор фæндзæм азы тæвд уалдзæг,
Куыд дæм каст æнхъæлмæ Дунай.
Бæллиццаг сæрибар æрхаста
Европæйы адæмтæн май!     

Ыссæрибар Венæ, 'мæ райгæ
Сæ фæзуæттæм адæм цæуынц.
Нæ хæстон уырыссаг вальс, мидбылты худгæ,
Хæствæлтæрд фæндырыл цæгъды.

Зоны Венæ, зонынц Альптæ 'мæ Дунай,
Зæрдыл дарынц уыцы хъæлдзæг, буц мæй, - май,
Ирвæзт адæмы зæрдæбын цины зæй
Зоны зæрдæ, уымæн ферохгæнæн нæй!

Уырыссаг вальс венæгтæ кафынц,
Сæ цæссыг фырцинæй цæуы,
Цæвиттон сын Штраус йæхæдæг
Æфсæддон фæндырыл цæгъды!

 Нæ хæстон йæ фæндыр йæ риумæ
Æрбалхъывта, загъта: кæм дæ,
Мæ райгуырæн уæзæг, фæцу ныр Уырысмæ,
Æмæ дын хъæбыстæ фæкæ!

Зоны Венæ, зонынц Альптæ 'мæ Дунай,
Зæрдыл дарынц уыцы хъæлдзæг, буц мæй, - май,
Ирвæзт адæмы зæрдæбын цины зæй
Зоны зæрдæ, уымæн ферохгæнæн нæй!

 Цыппор фæндзæм азы тæвд уалдзæг,
Куыд дæм каст æнхъæлмæ Дунай.
Фыдтохты æрцыд тард тыхгæнæг
Уæлахизы мæй у ныр май!

 Æхцон зæлтæ уæлдæфы тайынц,
Фæсабырдæр зæрдæты рыст.
Нæ хæстоны фæндыры зæлтæ æфтауынц
Пырх Венæйы адæмыл ныфс.

Зоны Венæ, зонынц Альптæ 'мæ Дунай,
Зæрдыл дарынц уыцы хъæлдзæг, буц мæй, - май,
Ирвæзт адæмы зæрдæбын цины зæй
Зоны зæрдæ, уымæн ферохгæнæн нæй!

Зоны Венæ, зонынц Альптæ 'мæ Дунай,
Зæрдыл дарынц уыцы хъæлдзæг, буц мæй, - май,
Ирвæзт адæмы зæрдæбын цины зæй
Зоны зæрдæ, уымæн ферохгæнæн нæй!

 Æхцон зæлтæ уæлдæфы тайынц,
Фæсабырдæр зæрдæты рыст.
Нæ хæстоны фæндыры зæлтæ æфтауынц
Пырх Венæйы адæмыл ныфс.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Gaspar бесконечный мир  Песня амфетамин  Мы на твоем заднем сидении  Marianna ft saro  Jenya didur если бы мы  Som (Ginex)  Музыка виолетта 
О чем песня
Эдуард Дауров - Майский вальс. Слова М. Ясень, музыка И. Лученок Перевод?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен