Жди меня, и я вернусь (ст. К. Симонов, муз. С. Бартенев) (исполнитель: Если)
Кæс æнхъæлмæ, кæс мæнмæ, алы бон дæр кæс, æмæ сау хæстæй хъæмæ раздæхдзынæн æз. Уардзæн бур къæвдатæ, мит, таудзæн хур йæ зынг, сисдзæн зынгæуад æхситт, — кæс æнхъæлмæ тынг. Кæс æнхъæлмæ æмæ ссар масты бон фæрæз, кæд нæ уа мæнæй хабар, быхс уæддæр, фæраз. Кæс мæнмæ æнхъæлмæ, кæс, ме ’рцыдыл æууæнд, рох кæмæй фæцис йæ хæс, уый-иу дис кæнæд. Уадз мæ фырт æмæ мæ мад ме сæфтыл кæуой, «Тохы байсæфти, фæмард»,— ме ’мгæрттæ зæгъой. Уадз, мæ рухсагæн-иу рæгъ рауадзой сæнæй,— ды мæ цæрæнбонæн зæгъ, баназ æй фæрнæй. Кæс мæнмæ æнхъæлмæ, кæс, нæй мæнæн адзал. Артæй раздæхдзынæн æз, ссардзынæн мадзал. Хъуамæ иуафон хъæмæ фестон: арфæ райс, ды кæй фæбадтæ мæнмæ, уымæн дæн æгас. Мæн дæ фæрцы н’ айста хæст, дардзынæн дæ хæс, уый та зондзысты æрмæст иунæг ды ’мæ æз.