НУРЗАНЫ ФЫРТТÆ (Казахаг аргъау ) (исполнитель: Ирон аудиочиныг)

[bad word]  [bad word] FAIRY%20TALES/nurzany_fyrtta.htm

Кæсы – Цæгæраты Глеб
НУРЗАНЫ ФЫРТТÆ

Казахаг аргъау

Сабитæ! Раджы кæддæр казахаг зæххыл цардис иу хорз адæймаг. Йæ ном хуындис Нурзан. Кæд бирæ азтæ фæцардис, уæддæр зæронд нæ кодта. Нæуæдз фараст (99) азы йыл куы рацыдис, уæд фæдзырдта юртæмæ йе ’ртæ фыртмæ æмæ сын загъта:
— Мæ зынаргъ уарзон хъæбултæ Сабит, Габит æмæ Хамит. Мæ царды бонтæ фесты. Уæдæ фæллой дæр, сагъæстæ дæр чысыл нæ уыдысты мæ царды. Хъæлдзæг æмæ æнкъард бонтæ дæр бирæ арвыстон. Йех, æмæ æхсæвы тар мæ цæстытæ æхгæны. Бафынæйы размæ мæ фæнды сымахæн хæрзбон æмæ мæ фæдзæхст зæгъын.
— Стыр зæрдиагæй дæм хъусæм, нæ уарзон фыд, — загътой æфсымæртæ æмæ Нурзан дарддæр кодта йæ ныхас:
— Йеех, мæ амæлæты фæстæ байарут уарзон æмæ рæстæй мæ фос, мæ исбон æмæ фæрнæй кæнут уæ хæдзары куыстытæ цæмæй уæ хионтæ æмæ æцæгæлæттæ дæр хъаст макуы ракæной, азым-иу уæм мацæмæй æрхæссой. Уæ зæрдыл дарут æдзухдæр: мæ фысты дзуджы, мæ бæхты рæгъауы иунæг уæрыкк дæр, иунæг байраг дæр нæй нæдæр мæ хиндзинады, нæдæр мæ сайды фæрцы. Æфсымæртæ стут æмæ цæрут иумæ æнгомæй. Фæлæ искуы кæд бæллæх æрцæуа æмæ уын уе уæнгтæ фезмæлын кæнын ма уал уадза, уæд уын мæнæ хос амонын...
Æмæ фыд радта æфсымæртæн сæ раг хуымпъырæй  сызгъæринтæ се дзагæй, афтæмæй.
— Айсут мæ зынаргъ хъæбултæ. Уым ис, цал азы фæцардтæн арвы бын, уал нæуæдз фараст (99) туманы. Бамбхсут æхцатæ æмæ сæм ма бавналут цалынмæ уæ хæдзæртты къæбæр бахæринаг уа, уæдмæ. Æппæты саудæр бон куы скæна, миййаг, уæд сæ уе ’хсæн байуарут. Уыцы ’хцатæ æз бакуыстон мæ хид фæллойæ, хъизæмæрттæй, фæлæ сымахæн уадз æмæ уой амондджын царды хос.
Урсзачъе Нурзан фæстаг хатт арф ныуулæфыд æмæ йын мæлæт йæ цæстытæ æрæхгæдта, мæнæ цыма сæныкар (ома юртæйы дуар) фæззыгон уазал бахгæдтой, афтæ. Баныгæдтой фырттæ сæ фыды стыр цыт æмæ кадимæ. Тынг фæкуыдтой, æмæ йын скодтой хорз хæрнæг. Æппæты тынгдæр куыдта æмæ кодта хъыг кæстæр фырт йæ фыды ингæны уæлхъус.
Нурзаны зианмæ æрцæуæг адæм дзырдтой:
— Намыс, намыс Нурзанæн, ахæм хорз фырттæ чи схъомыл кодта. Уæлдайдæр та кæстæр. Уый се ’ппæтæй алцæмæй хуыздæр у.
Зианы кæндтытæ куы фесты, уæд æфсымæртæ сæ мулк адихтæ кодтой. Æрмæст сæ бон нæ уыдис се ’хцатæ кæм бамбахстаиккой, уый æрхъуыды кæнын. Фæлæ иу заман схызтысты иу бæрзонд хохы цъупмæ æмæ уым лæгæты бамбæхстой сæ исбон. Загътой, зæгъгæ, дам, ам æмбæхст æхцатæ цыфынæнды дæсны давæг дæр не ссардзæнис. Æфсымæртæ ар
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Я иду на таран  Stereo Total Komplex Mit Dem Sex  Stereo Total Ich bin der Stricherjunge  Stereo Total Plastic  Если ты один  Schoolboy q raymond 1969  Tears for Fears The Big Chair 
О чем песня
Ирон аудиочиныг - НУРЗАНЫ ФЫРТТÆ (Казахаг аргъау )?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен