Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)

Мæ сæфт амонд, дæумæ цæуын фæдисы, 
Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр, 
☺Дæ фæндагмæ æз рухс тынтæ æлвисын, 
Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.☺(2 хатты) 
 
Стъалытæ бæрзонд арвыл куы хъазой, 
Уæд дард хъусы æхсæрдзæнты нæрын, 
Дыууæ уды кæрæдзийы куы уарзой, 
Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын. 
 
Мæ хуры хай, кæм дæ, цы ран, цы бæсты? 
О, курын дæ – ыстъалыйау фæзын, 
Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхастæй, 
Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын. 
 
Мæ хуры хай, мæ цин æмæ мæ катай, 
Æртæ хурау дæ размæ хæстон æз, 
Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй 
Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз. 
 
Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн, 
Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу, 
☺Цæргæбонты дæу сурдзынæн мæхицæй, 
Цæргæбонты æз агурдзынæн дæу.☺(2 хатты)
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
The black keys the go getter  Chris Isaak Kings Of The Highway  Песня самая самая  Все все стоп  Про будущее  Митя Фомин - Все будет хорошо!  Фонарик  Финский Залив Ленинград 
О чем песня
Неизвестен - Отсутствует?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен