Цин æрцыди (исполнитель: Мужской Хор Госфилармонии)
Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Кæй нæ фæнды — цæмæ ’рцыди? Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Уæлæ къуыппыл уæд Сиукъатæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Рахæссут сæм уæд сыкъатæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Уæлæ комы — гæнгæлытæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Рахæссут нын бæгæнытæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Уæлæ дурыл уæд нурытæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Рахæссут нын дзаг дурынтæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Уæлæ Цаби Къобыл ’руади, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Ахæм ми нын къордыл ’руади, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Иугæйттæ ’мæ уæд дыгæйттæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Авæрут сæм ныр дæсгæйттæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Рæгъ рауадзут, рæгъ кæстæртæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Æрдæттут сæм сæхæрнатæ, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Кæй нæ фæнды — цæмæ ’рцыди? Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. {Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди, Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ. Кæй нæ фæнды — цæмæ ’рцыди? Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.} x2