Алолай (исполнитель: Медоева)
Мǽй та худы дǽ размǽ, фǽнды та йǽ дǽ базмǽ. Ды мǽн мǽйǽ хуыздǽр дǽ, алолай кǽ мǽ зардǽ Дǽ хуыссǽнмǽ ǽсталы, фǽлмǽн тынтǽ ǽвзары. Ды стъалыйǽ хуыздǽр дǽ алолай кǽ мǽ зардǽ Рог дымгǽ дǽм ǽрбазылд, ǽркафыди дǽ разы. Ды дымгǽйǽ хуыздǽр дǽ алолай кǽ мǽ зардǽ Æрвитынц дǽм нǽ царǽй, тǽхаг цъиутǽ сǽ зарǽг. Ды уыдонǽй хуыздǽр дǽ алолай кǽ мǽ зардǽ Нǽ гǽды дǽр дǽу уарзы, ǽрфынǽй йы дǽ разы. Ды гǽдыйǽ хуыздǽр дǽ алолай кǽ мǽ зардǽ Æртахти фын дǽ размǽ, ǽрхуыссыди дǽ фарсмǽ. Сымах ыстут хǽлǽрттǽ, алолай кǽ мǽ зардǽ.