Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Æрсимут-ма нæртон симдæй Нæртон сахъгуырдтæ саг марынц, Æрсимут-ма æнгом симдæй, Æнгом адæм та цард арынц. Тæхуды ма йæ цæргæйæ Зæххыл рæсугъд фæд чи уадзы, Йæ хорз фыдæлты зæрдæйæ Йæ ирон бæстæ чи уарзы. Æрцæгъд-ма, чызг, дæ фæндырæй, Дæрдтыл хæссон мæ къабæзтæ, Мæ зарæджы зæлгæ мыртæй Мæ цин зæгъон, мæ сагъæстæ. Мæ худгæ хур фæскоймаг у. Æз æм цæудзынæн а фæззæг. Бæсты фидауц сылгоймаг у. Хæрзуд сылгоймаг — фарнхæссæг. Уæд ахæм амонд кæстæрты, Буц нын куыд дарой хистæрты. Бахизæд фарн сæ къæсæртыл, Зæххыл рæсугъдæй чи цæры. Ирон зарæг — нæ Бонвæрнон, Тæмæнтæ кал дæ рухс зæлтæй. Фыдæлты кад, фыдæлты ном Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй. (2 хатты) Фыдæлты кад, фыдæлты ном Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй. (2 хатты)