Фыййауы зараг (исполнитель: Батраз Фардзинов)
Цъæх нæу хохыл стыр фосы дзуг Цæгат фарсыл сабыр хизынц, Фыййау зары йæ ног дзугыл, Фæндыр та йын мæргътæ цæгъдынц. Фосы сæрмæ цæргæс зилы, Хæлæггæнгæ йæм фыййау дзуры: «Эхх, тæхуды, дæуæй куы фестин, Уарзон чызгы ардæм æрхæссин. Барвитин æм минæвæрттæ, Адджын ныхæстæ уымæн кæнин, Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй, Ризиккой нæ Иры хæхтæ. Батухин æй хъарм нымæты, Бамбахсин æй урс сæр хæхты, Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин, Булæмæргъ та ногæй фестин. Рог сычъиты дугъы уадзин, Бур æрсыты кафын кæнин, Стыр Хъæриуæй Джимарамæ, Гæпп кæниккой дзабидыртæ. Эхх, куы уаит уыцы рæстæг, Амондджындæр мæнæй нæ уаит, Цин кæниккой мемæ иумæ, Иры адæм, Иры бæстæ».