Nar Soso (исполнитель: Осетинские героические песни)
«Сау хохы фийау мын тулдзмæ куы баскъæрдта, Уæ-рæйдæ, уæ-рæйдæ, тулдзмæ куы баскъæрдта!» Нартыхты Сосо мын афтæ куы бадзуры. Уæ-рæйдæ, уæй, бецау Нартыхты Сосо! („На черной горе пастух к дубу меня прижал“ — Так говорит мне Нартыхти Сосо. О, злосчастный Нартыхти Сосо!) «Мæ фыдмæ арвитут хурæй хъæргæнæг, Уæ-рæйдæ, уæ-рæйдæ, хурæй хъæргæнæг, гъей!» Нартыхты Сосо мын афтæ куы бадзуры. Уæ-рæйдæ, уæй, бецау Нартыхты Сосо! („К моему отцу отправьте вестника от солнца“ — Так говорит мне Нартыхти Сосо. О, злосчастный Нартыхти Сосо!) «Мæ дзурæн дзых, дам, мын тугæй æрбахгæдта. Уæ-рæйдæ, уæй, æцæг тугæй æрбахгæдта!» Нартыхты Сосо мын афтæ куы бадзуры. Уæ-рæйдæ, уæй, бецау Нартыхты Сосо! („Мой рот кровью заполнен“ — Так говорит мне Нартыхти Сосо. О, злосчастный Нартыхти Сосо!)