Уастырджи чындз (исполнитель: Track)

'Фсатийы буц чызг Бадзина,
Уымай расугъддар кам уыд.
Иу бон йам йе 'мсар задтима
Уастырджи кураг фазынд.

Барджыты цин ама дугъай
Кардаг амризаджы рызт,
Уастырджи урсбарц афсургъай
'Фсатийы дуарма архызт.

Мадыдзуар хурварс кам бадти,
Задта уым саразтой хъазт.
Уазджытам заронд Афсати
Мидбылты худгайа каст.

Разгамтты рацыд Бадзина,
Диссаг йа бакаст, йа конд.
Задта са ног чындзы цин?й
Систой са зараг барзонд.

Циндзинад зарагай кадджын,
Йе 'гъдауай намысджын лаг.
Елиа - чындзы амдзуарджын,
Уацилла - къухылхацаг.

((Симынц нартон симдай, задта,
Цуайнагты нард фыд нарсы.
Рог дымга арвы барзандтам
Фандыры залта хассы.

Бон ама ахсавы аран
Майа фалман рухс калы.
Зруджы зарин Мады Майрам
Задты фандараст каны.

Уыцы бон Иры цы 'гъдау уыд,
Уый на чындзахсавты уад.
Цард на йа сыгъзарин науыл
Амонды фурдма хассад.

Уыцы расугъд боны хъармай
Захх цыма хъарм у ныр дар.
Задта 'ма дауджыты фарнай,
Ирыстон, цар ама цар.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
PSY Gentlmen  Will I Love Vocal Mix GOLD Eelke Kleijn ft Niels  Макс krsk  В России 2013 Кто ТАМ ft Тбили  Мистор Член E-ROTIC  Люди мимо проходили крылья пряча  Иди по воде Дмитрий Немченко  Нееет ты не в прошлом ты - всех дороже Ани Лорак 
О чем песня
Track - Уастырджи чындз?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен