Колхозон рæсугъд чызг (80-е) (исполнитель: Суадон)
Колхозон рæсугъд чызг, дæуыл у мæ зарæг. Тæхуды дæуимæ, цæрынæй бафсæд. {Хæрын дын ыстыр ард, кæнын дын æз сомы. Дæуæй мын зынаргъдæр кæй нæ у, мæ царддар.} x2 Дæлæ мын быдыры ерысæй куы кусынц Хъазгæ-худгæ, фарнимæ фæсивæд. {Хæрын дын ыстыр ард, кæнын дын æз сомы. Дæуæй мын зынаргъдæр кæй нæ у, мæ царддар.} x2 Цæй, тагъддæр-тагъддæр, мæ рухс, мæм ракæс! Мæ уарзондзинадæй фæсур мын мæ сагъæс. {Хæрын дын ыстыр ард, кæнын дын æз сомы. Дæуæй мын зынаргъдæр кæй нæ у, мæ царддар.} x2 Слова и музыка народные