Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон (исполнитель: Хурзарин)

Ихджын дæ, ихджын суадон, 
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. 
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, 
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (2 хатты) 

Цы доны цæугæ ныууагътон, 
Уый мын фæйлауын куы хъуыди. 
☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон, 
Уый мын рæвдауын куы хъуыди.☺ (2 хатты) 

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн, 
Донæй рæсугъддæр не 'ссардтон. 
☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн, 
Дæуæй рæсугъддæр не 'ссардтон.☺ (2 хатты) 

Тæхуды, уымæн йæ къона, 
Йæ кæрты суадон кæмæн ис. 
☺Тæхуды, уымæн йæ къона, 
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.☺ (2 хатты) 

Урс доны былыл сау фæрдыг, 
Бирæ дзы уымæн банызтон. 
☺Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг, 
Бирæ дæ уымæн бауæрзтон☺ (2 хатты) 

Уалдзыгон къæвда донласт у, 
Æдзух дæр æм нæрын цæуы. 
☺Чызгæййы зæрдæ уæнгсаст у, 
Æдзух дæр æм кæуын цæуы.☺ (2 хатты) 

Ихджын дæ, ихджын суадон, 
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. 
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, 
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (3 хатты)
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
ALi in my dream  Накурили меня  Син ни бер ген  Найк Борзов Молекула  Only One Who is You OST The Moon that Embraces the  Кони шли на дно  Серебряная Свадьба разлука  Bad Religion Overture 
О чем песня
Хурзарин - Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен