Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Кæддæр æз уæлæрвты кæй агуырдтон, Сæрдыгон рæсугъд бон кæй базыдтон, {Уый зæххыл ме стъалы куы разынди, Мæ цард мæ æнæ уый уæд нал хъуыди.} x2 Сылгоймаг амондджын цæмæй вæййы? – Арвы дуар куы байгом уа зæрдæйы. {Сызгъæрин базыртыл – нæ фæндæттæ, Зæлдагхуыз цъæх нæууыл – нæ фæндæгтæ.} x2 Дидинæг бæлæстæн сæ рæсугъддæр, Мæ адджын хæрзфынты кæмæ худтæн, {Уый царды ды уыдтæ, дæумæ дзырдтон, Уæлæрвтæй цæстырухс дæуæн куырдтон.} x2 Хæрзгæнæг дзуар æви зин уыди? Фæлæ ма уый æнхъæл чи уыди. {Искуы ма иумæ мах кафдзыстæм, Адæмыл циндзинад уардзыстæм.} x2 Рацагъд. Нæ хæхтæн сæ фидауц – сæ бæлæстæ, Ирон фæндырæн та – йæ хъæлæстæ. {Не ’фсæдынц хуримæ хъазынæй, Арвы бын ацы зæхх уарзынæй.} x2 Чи кæны фæндонхорз уынаффæтæ, Уыдоныл сæмбæлæнт нæ арфæтæ. {Амонд уæм æрцæуæд фарнимæ, Зæрдæйы рухс æмæ хъармимæ.} x4 Слова Ахсара Чеджемова, музыка народная «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \