Дриаты Антъоны зарæг (исполнитель: Ансамбль «Суадон» (сол. Казбек Салбиев))
Дзауы уæрдæттæ Тулгæ нал кæнынц, ой. Махæн не ’лдæрттæ Худгæ нал кæнынц, ой. Хъуды фæндæгтæ Коммæ лæбырынц, ой. Махæн не ’лдæрттæ Уæрммæ фæбырынц, ой. Рацагъд. Уалæ рацæуынц Дзауы уæрдæттæ, ой. Антъон бадзуры: «Цомут-ма, ме ’мгæрттæ, ой. Цомут, не ’ндзæлттæй Фиййæгтæ саразæм, ой. Цомут, не ’лдæрттæй Фиййæуттæ саразæм», ой. Рацагъд. Уалæ сау рагъыл Сау мигъ ныккалди, ой. «О, бецау дæ бон», – Антъон бадзуры, ой. Тохы нæмыг мыл Ихау ныккалди, ой. Мачи ма зæгъæд: «Æгас у сахъ Антъон», ой. Слова и музыка народные «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \