Мæ ус ▪ (исполнитель: ▪ Кударская)
Мæ ус каст фæцис институт, Сæрæй къахтæм у зонд, ☺ Мæ усы хуызæн нæ фендзыстут – Рæсугъд æмæ хæрзконд. ☺ (2 хатты) Мæ ус мæммæ куы 'рбадзуры: «Лæгай, ды дæ мæ ныфс, ☺ Мæ сæры хицау, дæумæ дзурын, Мæ къахтæ ма мын 'рæхс». ☺ (2 хатты) Мæ усæн æз куы æрæхсын, Йæ къахтæ ‘мæ йæ сæр, ☺ Гæрзтæ ‘хсын ма йын арæхсын Дзæбæх сылæй хуыздæр. ☺ (2 хатты) Мæ усæн æз куы фæзæгъын: «Фалдæр ма фæхуысс», – ☺ Сæнттæ мыл йе уæд фæкæны: «Фидиссаг куыдз ныххуыс!» ☺ (2 хатты) Ма мыл фæхудут, хорз адæм, Мæнæн мæ ус – сæрниз, ☺ Мæ нервтæ мын уый фехæлдта, Бафтыдта мыл фыдниз. ☺ (2 хатты) Мæ ус каст фæцис институт, Сæрæй къахтæм къуырма, ☺ Мæ усы хуызæн нæ фендзыстут – Рæсугъд, фæлæ фыркъа. ☺ (2 хатты)